ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕдты къорд "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Новоуспенское Запорожаг областы, фехъусын кодтой Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, Харьковы областы цӕрӕн пункт Купянскы скӕсӕйнаг фарс ссӕрибар кодтой ӕхсӕзӕм ӕфсады штурмон къордтӕ.