ЦХИНВАЛ, 12 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 22 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 22 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй аст Ростовы областы, цыппар дроны скуынӕг кодтой Ставрополы крайы, ӕртӕ Орелы областы, дыууӕ – Тулайы областы ӕмӕ фӕйнӕ иу дрон та скуынӕг кодтой та Калугайы областы ӕмӕ Мӕскуыйы регионы" - дзырдӕуы хъусинаджы.