Цæгат Иры сарæзтой Центр СÆО-йы æбæрæгæй фесæфæг æмæ фæмардуæвджыты агурыны фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 ноя – Sputnik. Бархион агурæн къорд "Своих не бросаем"-ы волонтертæ Арзу Мамедовайы къухдариуæгады бын бахызтысты сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) зонæйы æбæрæгæй фесæфæг æмæ фæмардуæвджыты агурыны фæдыл ног Центры скондмæ. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
Дзæуджыхъæуы Центр сарæзтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй.
Сергей Меняйло бабæрæг кодта Центр æмæ бахахх кодта, сæйраг хæслæвæрд кæй у дæттын хиуæттæн дырыс информаци æфсæддонты хъысмæты тыххæй.
"Мах раздæр дæр архайдтам ацы фарстытыл, фæлæ ныр куыст уыдзæн системондæр æмæ цæудзæн Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады æмархайдæй", - фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг.
Цæгат Иры сарæзтой Центр СÆО-йы æбæрæгæй фесæфæг æмæ фæмардуæвджыты агурыны фæдыл