Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 216 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 216 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 216 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 66 Краснодары крайы, 59 – Сау денджызы акваторийы, 45 дроны скуынӕг кодтой Саратовы областы, 19 – Хъырымы Республикӕйы, 8 – Волгограды областы, авд дроны ӕрыппӕрстой Ростовы областы областы, цыппар – Белгороды областы ӕмӕ ӕртӕ та – Тамбовы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 130 украинӕйаг дроны