ЦХИНВАЛ, 18 окт - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 65 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 65 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 16 – Сау денджызы акваторийы, фӕйнӕ 14 – Воронежы областы ӕмӕ Краснодары крайы, 11 дроны ӕрыппӕрстой Белгороды областы, фараст – Азовы денджызы акваторийы ӕмӕ иу та – Брянскы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.