РХИ парламент ӕмӕ УФ Федерацийы Советы ӕмгуыстады къамисы рабадт ацӕудзӕн майы Цхинвалы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 ноя – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Советы ӕмгуыстады фӕдыл иумӕйаг къамисы фидӕн рабадт ацӕудзӕн 2026 азы майы Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik-ы видеохиды рӕстӕджы къамисы уӕнг хуссарирыстойнаг фарсӕй, парламенты социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл комитеты разамонӕг Плиты Александр.
"Уӕрӕсейы цы рабадт ацыд, уый фӕстӕ фидӕн фембӕлд цӕудзӕн Хуссар Ирыстоны. Мах банхъардтам уӕрӕсейаг коллегӕтӕн ауадзын къамисы рабадт 2026 азы майы бӕрӕгбонты фӕстӕ. Уый фӕдыл мах зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм нӕ уӕрӕсейаг хӕлӕртты ӕрцыдмӕ", - загъта депутат.
Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Советы ӕмгуыстады фӕдыл иумӕйаг къамисы фӕстаг рабадт ацыд 11 ноябры Хъӕрӕсе-Черкессийы.