СӔО-йы хайадисджытӕн ӕххуыс хъуамӕ парахат кӕна хуссарирыстойнаг хӕстонтыл дӕр - Назаренко

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 ноя – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны адӕм балӕууыдысты Уӕрӕсейы фарс сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) райдианӕй, уый фӕдыл мӕ фӕнды зӕгъын стыр бузныг, бахахх кодта Sputnik-ы видеохиды рӕстӕджы Федерацийы Советы регионалон политикæ, бынæттон хæдразамынад æмæ Цæгаты хъуыддæгты комитеты уæнг Виталий Назаренко.
"Хъыгагӕн, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты ӕхсӕн дӕр ис фӕмардуӕвджытӕ ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕм. Махӕн нӕ хӕс у, цӕмӕй агурӕм ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты ӕмӕ ӕххуыс кӕнӕм СӔО-йы хайадисджытӕ ӕмӕ сӕ бинонтӕн. Уӕрӕсейы Федераци алыварсон ӕххуыс кӕны СӔО-йы хайадисджыты бинонтӕн ӕмӕ уыцы ӕххуыс хъуамӕ ӕнӕмӕнг парахат кӕна хуссарирыстойнаг хӕстонтӕн дӕр. Стыр бузныг Хуссар Ирыстоны адӕмӕн, ахӕм зын период Уӕрӕсейы фарсмӕ кӕй балӕууыдысты, уый тыххӕй", - фехъусын кодта парламентари.
Назаренко банысан кодта, хуссарирыстойнаг хӕстонтӕй ӕбӕрӕгӕй чи фесӕфт, уыдон агурыны фӕдыл куыст дарддӕр цӕуы, афтӕ ма адарддӕр уыдзӕн куыст республикӕйы Информацион центр бакӕныны фӕстӕ.