Цхинвалы хай рӕстӕгмӕ баззад ӕнӕ рухсӕй цыппӕрӕмы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хай рӕстӕгмӕ баззад ӕнӕ электроэнергийӕ цыппӕрӕмы, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы.
Электроэнерги нӕ уыдзӕн 20 ноябры 10.00 сахатӕй 15.00 сахатмӕ цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй къорд уынгтыл: 8 Июны, Фӕскомцӕдисонты, Мӕскуыйаг, Горькийы, Кировы, Руставелийы, Интернационалон, Гаглойты Владимиры ӕмӕ Хъоцыты Къостайы.
Куыстытӕ уагъд цӕуынц, цӕмӕй фӕхуыздӕр кӕной электроифтонгады гъӕд, банысан кодтой "Энергоресурс"-ы.