ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Веселое Запорожаг областы, хъусын кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
Афтӕ ма Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты оперативон-тактикон авиаци, ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараттӕ, ракетон ӕфсӕдтӕ ӕмӕ артиллери скуынӕг кодтой залпон ӕхсты реактивон системӕ HIMARS, хӕстӕрмӕджыты ӕфтауцтӕ, дронтӕ ӕвӕрӕн цехтӕ ӕмӕ Украинӕйы энергетикон инфраструктурӕйы объекттӕ.