ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Федералон æдасдзинады службæйы (фÆС) кусджытæ æрцахстой Уæрæсейы æнахъом æмбæстаджы, кæцы Украинæйы сæрмагонд службæты хæслæвæрдæй цæттæ кодта теракт чырыстон аргъуаны Калининграды областы. Уый тыххæй фехъусын кодтой ФÆС æхсæнадон бастдзинæдты Центры.
"Фыдгæнæгмæ ссардтой террористон акт сæххæст кæнынæн æрмæджытæ æмæ украинæйаг кураторимæ цы телефонæй фыста, уый", - банысан кодтой уагдоны.
Æнахъом æмбæстаджы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.