ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министр Гассеты Ибрагим дыццӕджы радзырдта президент Гаглойты Аланӕн ландшафтон зынгсирвӕзттимӕ уавӕры тыххӕй республикӕйы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Дзауы районы фыццаг ландшафтон зынгсирвӕзттӕ райдыдтой 21 ноябры Морго, Ерцъо ӕмӕ Къозы хъӕуты. Зынгфӕдисонты оперативон архайды руаджы уӕд арт нӕ аххӕссыд цӕрӕн хӕдзӕрттӕм.
Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, 21-ӕй 24-ӕм нобрьмӕ хус кӕрӕджы ссыгъдтӕ аиуварс кӕныныл архайдтой 227 кусӕджы ӕмӕ техникӕйы 34 иуӕджы.
"Кусджыты профессионалон архайды фӕрцы арт нӕ аххӕсыд цӕрӕн пункттӕм. Бахъахъхъӕдтам хъӕутӕ Къоз, Ерцъо, Морго, Замтарет ӕмӕ Начърепа, афтӕ ма сотон бастдзинады ифтонггарз", - загъта министр.
Ныртӕккӕ уагдоны тыхтӕ здӕхт сты Машхарайы хъӕуы цур зынгсирвӕзт ахуыссын кӕнынмӕ, цы ран архайынц 47 адӕймаджы.
Гаглойты Алан фехъусын кодта, зӕгъгӕ, кӕд бахъӕуа, уӕд ӕрбаздахдзысты ӕндӕр паддзахадон структурӕты тыхтӕ.