Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 33 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 ноя - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 33 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 33 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 13 – Белгороды областы, дæс – Воронежы областы, фондз дроны æрыппæрстой Сау денджызы акваторийы, цыппар - Липецкы областы æмæ иу та – Брянскы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 249 украинӕйаг дроны