ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы изӕры ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау, аварийы фӕстиуӕгӕн 37-аздзыд сылгоймаджы госпитализаци скодтой сӕры травмӕимӕ, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, цау ӕрцыд 17:10 сахатыл Сталины ӕмӕ Советон уынджы алвӕндагыл. Горӕты 37-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг фӕцӕйхызт фӕндаг ӕнӕраст ран ӕмӕ йӕ ныццавта "Лада Гранта" хӕдтулгӕ, кӕцыйыл скъӕрдта столицӕйы 79-аздзыд цӕрӕг.
Ныртӕккӕ пациенткӕ ис специалистты хъусдарды бын Республикон бирӕпрофилон медицинон центры травматологийы хайады. Медиктӕ саргъ кодтой йӕ уавӕрӕн куыд рӕстӕмбис уӕззау.