Уӕрӕсейы ӕфсад ссӕрибар кодта цӕрӕн пункт Клиновое ДАР-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Хуссар"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Клиновое Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР), фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ егъау цӕф фӕкодтой Украинӕйы энергетикон инфраструктурӕйы объекттӕ.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг дроны