Хуссар Иры спортсментæ æнтыстджын архайд скодтой дунейы чемпионаты универсалон тохæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсментæ Къæбулты Хъазбег æмæ Мамыттаты Роман рамбылдтой æвзист майдантæ дунейы чемпионаты универсалон тохæй Саратовы, хъусын кæны республикæйы фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты пресс-службæ.
Ерыстæ конд уыдысты дыууæ хайæ: дзюдо æмæ æмбуар хæст.
"Иттæг хорз хатдзæгтæ уыд Къæбулты Хъазбег æмæ Мамыттаты Романæн. Уыдон рамбылдтой фæйнæ дыууæ æвзист майданы дыууæ дисциплинæйы", - банысан кодтой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны командæ бацахста æртыккаг бынат командон хыгъды, спортсментæ та сæххæст кодтой спорты мастермæ кандидаты норматив.