ЦХИНВАЛ, 5 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕрцыд президентон галуанмӕ Делийы официалон фембӕлды церемонимӕ, хъусын кӕны РИА Новости.
Владимир Путиныл сӕмбӕлдысты Индийы президент Драупади Мурму ӕмӕ премьер Наренда Моди. Разамонджытӕ сарӕзтой иумӕйаг фото, уый фӕстӕ индиаг оркестр сӕххӕст кодта Путинӕн Уӕрӕсейы Федерацийы гимн.
Уӕрӕсейаг лидер знон ӕрцыд Нью-Делимӕ дыууӕбонон кусӕгон балцы. Майрӕмбоны райсом президентон галуаны цӕуы Уӕрӕсейы президенты официалон фембӕлды церемони. Майрӕмбоны фӕстӕдӕр, Хайдарабады галуаны ацӕудзӕн уӕрӕсейаг-индиаг баныхас уӕлдӕр ӕмвӕзадыл.