Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 41 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 41 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 41 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй фараст Хъырымы Республикӕйы, аст – Саратовы областы, авд дроны ӕрыппӕрстой Волгограды областы, ӕхсӕз – Ростовы областы ӕмӕ иу дрон та скуынӕг кодтой Краснодары крайы" - дзырдӕуы хъусинаджы.