Уæрæсейы æфсæдтæ ссæрибар кодтой дыууæ цæрæн пункты СÆО-йы зонæйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 дек - Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдты къорд "Днепр"-ы хæстонтæ активон размæбырстон архæйдтыты рæстæджы ссæрибар кодтой цæрæн пункт Новоданиловка Запорожаг областы. Уæрæсейаг æфсæдты къорд "Хуссар"-ы хæстонтæ та ссæрибар кодтой цæрæн пункт Червоное Донецкы Адæмон Республикæйы, хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрад.
Афтæ ма УФ Гарзджын тыхтæ егъау æхст фæкодтой Украинæйы энергетикон æмæ транспортон инфраструктурæйы объекттæ æмæ дронтæ аразæн цехтæ. Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ та æрыппæрстой 171 æнæпилотон тæхæг аппараты.
Уӕрӕсейы ӕфсад ссӕрибар кодта цӕрӕн пункт Клиновое ДАР-ы