Уырыссаг хæдзар Хуссар Иры расидт аивадон конкурс "Палитра моего края"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Уырыссаг хæдзар Хуссар Ирыстоны Ног азы агъоммæ расидт аивадон конкурс æвзонг нывгæнджытæн "Палитра моего края". Уагдоны директор Сергей Комиссаров радзырдта Sputnik-æн, куыстытæ ныридæгæн кæй райдыдтой исын.
"Къорд мадзалы ныридæгæн ауагътам, фæлæ мах дарддæр кæнæм ногазон программæ. Ныртæккæ расидтыстæм ноджы иу конкурс – "Палитра моего края". Куыстытæ ныридæгæн райдыдтам исын", - банысан кодта Комиссаров.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, конкурсы цы сывæллæттæ исынц хайад, уыдонæн фадат уыдзæн ацæуын балцы "Здравствуй, Россия!" программæйы фæлгæтты.