Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 20 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 20 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 20 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 16 – Брянскы областы, дыууӕ – Калугайы областы ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Белгороды областы ӕмӕ мӕскуыйы регионы территорийыл" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 121 украинӕйаг дроны