ЦХИНВАЛ, 12 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд республикӕйы экономикон райрӕзты министр Хъотайты Сӕрмӕтимӕ.
Фембӕлды рӕстӕджы министр радзырдта паддзахады сӕргълӕууӕгӕн 2026-2030 азтӕм социалон-экономикон райрӕзты фӕдыл паддзахадон программӕйыл куысты хатдзӕгтыл, афтӕ ма уыцы периодмӕ республикӕйы социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъазгӕнӕг бадзырды тыххӕй.
Уымӕй дарддӕр фембӕлды рӕстӕджы дзырд цыд экономикӕйы райрӕзты здӕхтытыл, инвестицитӕ ӕрбаздахыныл ӕмӕ цӕрджыты царды ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕныныл.