ЦХИНВАЛ, 12 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 90 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 90 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 63 Брянскы областы, аст – Ярославлы областы, цыппар дроны ӕрыппӕрстой Мӕскуыйы регионы, фӕйнӕ ӕртӕ – Смоленскы ӕмӕ Тверы областты, афтӕ ма Сау денджыщы акваторийы ӕмӕ фӕйнӕ дыууӕ та Тамбовы ӕмӕ Тулайы областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.