Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 83 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 83 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 83 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 64 Брянскы областы, фараст – Калугайы областы, фондз дроны ӕрыппӕрстой Смоленскы областы, фӕйнӕ дыууӕ Хъырым ӕмӕ Мӕскуыйы регионы ӕмӕ иу та – Тверы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.