ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстонӕй 50 сывӕллоны бӕрц ацӕудзысты Кремлы назбӕласмӕ. Ногазон мадзӕлттӕ цӕудзысты Мӕскуыйы Паддзахадон Кремлы галуаны 24-27 декабры. Уый тыххӕй мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодта республикӕйы ахуырады министр Лолаты Аслан.
"Сӕ фылдӕр хай сты сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы хайадисджыты сывӕллӕттӕ. Ацы аз приоритет радтам ацы категорийӕн", - банысан кодта министр.
Лолаты Аслан бафтыдта, зӕгъгӕ, сывӕллӕтты балцы организацийы фарстыл архайы Хуссар Ирыстоны президенты администраци.