Хуссар Иры фæфылдæр уыдзысты газ æмæ рухсы тарифтæ 1 январæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 дек – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад фæфылдæр кодта цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты тарифтæ, уыдон сæ тыхы бахиздзысты 1 январæй. Скъуыддзаг райстæуыд хицауады рабадтыл цыппæрæмы.
Æрдзон газ кæмæн ис, уыцы цæрджытæн тарифтæ фæфылдæр уыдзысты 91 копекы бæрц. Æрдзон газ кæмæн нæй, уыдонæн та тарифтæ схиздзысты 3,12-æй 3,89 сомы онг.
Электроэнергийы аргъ та 2026 азы уыдзæн 5,99 сомы – раздæр уыдон фыстой 4,73 сомы.