ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕ бакодта шпионажы фӕдыл уголовон хъуыддаг, фехъусын кодта уагдоны пресс-службӕ.
Фӕдагуырд сбӕлвырд кодта, Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг сылгоймаг республикӕйы территорийыл кӕй ӕмбырд кодта бӕрӕггӕнӕнтӕ ахсджиаг стратегион объектты тыххӕй ӕмӕ тӕссагдзинад хаста бӕстӕйы ӕдасдзинадӕн.
Сылгоймаг ис барадхъахъхъӕнджыты цӕстдарды бын, бӕрӕг цӕуы, чи йын ӕххуыс кодта, уыдон, бафтыдтой генпрокуратурӕйы.