ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik. Уæрæсе дарддæр æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстоны алыгъуызон къабæзты, фехъусын кодта Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) Хæдбар паддзахæдты æмбалады бæстæты цыппæрæм департаменты директор Михаил Калугин.
"Мах аргъ кæнæм нæ иумæйаг историйæн, нæ адæмы æфсымæрон ахастытæн æмæ дарддæр æххуыс кæндзыстæм Хуссар Ирыстонæн алыгъуызон къабæзты", - загъта Калугин æхсæнадæмон литературон преми "Булæмæргъ"-ы.
Афтæ ма Калугин бузныг загъта республикæйæн сæ позицийы тыххæй Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы фæдыл.