ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы фембӕлд дзыллон информацийы фӕрӕзты (ДИФ) минӕвӕрттимӕ ацӕудзӕн цыппӕрӕмы, 25 декабры. Уый тыххӕй фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Босыкты Наталья.
"Мадзал цӕудзӕн ног форматы президенты фӕсгорӕтон резиденцийы ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн 40 журналисты бӕрц Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийӕ. Ахӕм фембӕлды руаджы президент лӕмбынӕгдӕр ӕмӕ ӕнӕформалон форматы ӕрдурдзӕн ацӕугӕ азы сӕйраг цаутыл", - банысан кодта Босыкты Наталья.
Пресс-секретарь бафтыдта, зӕгъгӕ, хонынц ДИФ-ты активон хайадистмӕ ацы ахсджиаг фембӕлды.