ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik. Армавиры паддзахадон педагогон университеты гом ахуырады центр Ленингоры хатдзӕгтӕ скодта ацы азы куыстӕн, фехъусын кодтой Цхинвалы Уырыссаг хӕдзары.
Мадзал бабӕрӕг кодтой Центры директор Сергей Багринцев, Ленингоры районы сӕргълӕууӕг Уалыты Муртаз, Уырыссаг хӕдзары разамонӕг Цхинвалы Сергей Комиссаров, университеты минӕвар Людмила Хлудова, РХИ ахуырады министрады хайады хистӕр Буджиты Замира.
Центры банысан кодтой, Хуссар Ирыстон иузӕрдыг кӕй у Уырыссаг дунемӕ ӕмӕ уырыссаг ӕвзаг та у иугӕнӕн тых.
Мадзалы рӕстӕджы схорзӕхджын кодтой курсыты хайадисджытӕ ӕмӕ конкурсты лауреатты.