Милицийы кусджытӕ рейдты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой фехӕлдтӕ Цхинвалы базарадон объектты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 дек - Sputnik. Цхинвалы экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ рейдты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой, хӕлцадон дуканитӕй иуы кӕй уӕй кодтой тамакотӕ ӕнӕ лицензийӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Уымӕй дарддӕр шиномонтажы пункттӕй иуы оперативон кусджытӕ сбӕрӕг кодтой амалиуӕгадон архайд ӕнӕ паддзахадон лицензийӕ.
Фӕткхалджыты фӕдыл сарӕзтой ӕрмӕджытӕ административон фӕткхалды фӕдыл ӕмӕ сӕ барвитдзысты тӕрхондоны органтӕм, банысан кодтой министрады.