Цхинвалы бакӕндзысты сӕйраг назбӕлас 26 декабры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзӕн сӕйраг ногазон назбӕласы бӕрӕгбонон баконд республикӕйы президент Гаглойты Аланы хайадистӕй. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады кусӕг Козаты Дзерассӕ.
"Республикӕйы сӕйраг ногазон назбӕласы бӕрӕгбонон баконд ацӕудзӕн президенты хайадистӕй Театралон фӕзуаты 26 декабры 17.00 сахатыл. Сывӕллӕттӕн бацӕттӕ кӕндзысты хиирхӕфсӕн программӕ хореографион ӕмӕ сфӕлдыстадон коллективтӕ, афтӕ ма хуссарирыстойнаг эстрадӕйы артистты хайадистӕй. Фыццаг хатт мадзал ацӕудзӕн ирон ӕвзагыл – ахӕм скъуыддзаг рахаста культурӕйы министрады къухдариуӕгад", - радзырдта Козаты Дзерассӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕрӕгбоны активон хайад райсдзысты Паддзахадон драмон театры артисттӕ. Ӕппӕт сывӕллӕттӕ бӕрӕгбоны райсдзысты адджын лӕвӕрттӕ.