РХИ президент: Къуайсайы газификаци фӕуыдзысты фидӕн зымӕгмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Горӕт Къуайсамӕ ныридӕгӕн бакодтой авд километры дӕргъӕн газы хӕтӕл, фехъусын кодта хатдзӕгон пресс-конференцийы рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
"Дыууӕ къуырийы размӕ мын бавдыстой проекты схемӕ, ӕмӕ мӕ фӕнды банысан кӕнын, мидӕггагон хызӕгтӕ уадзыны куыст ныридӕгӕн райдыдта. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, фидӕн зымӕджы Къуайсайы цӕрджытӕ хъарм кӕндзысты сӕ хӕдзӕрттӕ газӕй", - загъта президент.
Гаглойты Алан бафтыдта, зӕгъгӕ, Къуайсайы газификаци цӕуы хисӕрмагонд фӕрӕзты руаджы.