ЦХИНВАЛ, 26 дек – Sputnik. Зындзинæдтæ куы фæзынынц, адæмы æххуыс куы хъæуы, уæд нæ республикæйы алкæцы цæрæг дæр бадзуры УУМ-мæ – æмæ сымах алыхатт дæр æрбацæут æххуысмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта президент Гаглойты Алан Ирвæзынгæнæджы боны цытæн бæрæгбонон æмбырды рæстæджы.
"Абоны бон мæ фыццаджыдæр фæнды бузныг зæгъын Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн сæ удуæлдай куыст æмæ хъайтар службæйы тыххæй æмæ уын зæрдæбынæй арфæ кæнын Ирвæзынгæнæджы боны цытæн. Азы дæргъы сымах оперативонæй æмæ профессионалон æгъдауæй тох кодтат æрдзон бæллæхтимæ, аиуварс кодтат ландшафтон зынгсирвæзттæ республикæйы территорийыл", - банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.
Мадзалы рæстæджы министрады агурæн-ирвæзынгæнæн къордæн радтой Хæстон тырыса.