Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 77 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 77 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 77 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 34 Волгограды областы, 23 – Ростовы областы, фæйнæ 5 дроны æрыппæрстой Калыгайы областы æмæ Хъырымы, фæйнæ æртæ – Мæскуыйы регионы æмæ Сау денджызы акваторийы æмæ дыууæ та – Белгороды областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 141 украинӕйаг дроны