Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 89 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 89 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 89 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 49 Брянскы областы, 18 – Новгороды областы, 11 дроны ӕрыппӕрстой Адыгейы Республикӕйы, 7 – Краснодары крайы ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Азовы денджызы акваторийы, Орелы, Ростовы ӕмӕ Смоленскы областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 77 украинӕйаг дроны