Цхинвал-Къуайса фӕндагыл ӕрцыд зӕй ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ссыгъдӕг кодтой

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Цхинвал-Къуайса фӕндагыл къуырисӕры ӕхсӕв ӕрцыд миты зӕй, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).
Министрады кусджытӕ ӕвӕстиатӕй ссыгъдӕг кодтой фӕндаг митӕй, цӕмӕй транспортӕн ацӕуӕн уа.
Хуссар Ирыстоны знон ӕруарыд стыр мит. Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы кӕцыдӕр районты ӕруарыд иу метры онг мит. Миты хъӕпӕнтӕ ӕрӕхгӕдтой фӕндӕгтӕ куыд районты, афтӕ ма Цхинвалы дӕр. Фӕндагон службӕтӕ райдыдтой сыгъдӕг кӕнын трассӕтӕ райсом раджы.