ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Зонындзинӕдты центр "Машук"-ы фӕцис ӕппӕтуӕрӕсейаг форум "Зонындзинӕдтимӕ ныййарджытӕ". Хуссар Ирыстоны номӕй мадзалмӕ ацыд Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы ныййарджыты комитеты активисткӕ Джиоты Алена, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны ахуырады министрады пресс-службӕ.
Форум ӕдӕппӕт ӕрӕмбырд кодта 120 делегатӕй фылдӕр Уӕрӕсейы регионтӕй. Форумы хайадисджытӕ агуырдтой ног фадӕттӕ бинонтӕ ӕмӕ скъолайы ӕхсӕн ӕмархайдӕн.
Эксперттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ ӕрдзырдтой сывӕллӕтты писхологийыл, ныййарджыты комитетты бынатыл ахуырадон уагдӕтты царды ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл.
Хуссар Иры минӕвар хайад райста "Зонындзинӕдтимӕ ныййарджытӕ" форумы Пятигорскы
© Photo : Пресс-служба Минобразования РЮО