Цхинвалы ӕртӕ ӕнахъомы фӕхъӕстӕ сты газӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik. Цхинвалы ӕртӕ ӕнахъомы фӕхъӕстӕ сты газӕй, медиктӕ сын ӕнӕмнгхъӕугӕ медицинон ӕххуыс бакодтой ӕмӕ сӕ цардӕн ницы тас ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад.
"Газ ахъуыззыд хисӕрмагонд хӕдзары Интернационалон уынгыл. Министрады специалисттӕ хӕдзары басгӕрсты рӕстӕджы сбӕлвырд кодтой, цауы аххоссаг кӕй у газы колонкӕ раст кӕй нӕ сӕвӕрдтой, уый", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, газы ифтонггарзы ӕвӕрд ӕмӕ цалцӕгыл кӕй хъуамӕ архайой ӕрмӕстдӕр специалисттӕ.