ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 13 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 13 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй цыппар Ростовы областы, фæйнæ дыууæ дроны æрыппæрстой Хъырымы, Адыгейы, Курскы областы æмæ Сау денджызы акваторийы æмæ иу та – Воронежы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.