ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Транскавказы автомагистраль нырма дӕр у ӕхгӕд митуард ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинады тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад.
Трассӕ сӕхгӕдтой дыццӕджы ӕхсӕвы ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй.
"Транскавказаг автомагистраль ӕхгӕд у автотранспорты змӕлдӕн 13 январы ӕмбисӕхсӕвӕй сӕрмагонд барамынды онг. Трассӕйыл уары хуылыдз мит, афтӕ ма дзы ис зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинад", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.