Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 11 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 11 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 11 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй авд Ростовы областы ӕмӕ фæйнæ иу дроны та æрыппæрстой Белгороды, Курскы, Орелы областты ӕмӕ Хъырымы Республикӕйы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 13 украинӕйаг дроны