УФ æфсад егъау æхст фæкодта Украинæйы æфсæддон-сæудæджерадон комплексы объекттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 янв - Sputnik. Украинæ террористон атакæтæ кæй сæххæст кодта граждайнаг объекттыл Уæрæсейы территорийыл, уый фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ иттæг дырыс хæцæнгарз æмæ æнæпилотон тæхæг аппараттæй егъау æхст фæкодтой Украинæйы энергетикон инфраструктурæ æмæ æфсæддон-сæудæджерадон комплексы объекттæ, хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрад.
Уымæй дарддæр уæрæсейаг æфсæдтæ скуынæг кодтой дронтæ æвæрæн цехтæ æмæ украинæйаг хæстонтæ æмæ фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты рæстæгмæ дислокацийы пункттæ.