Транскам сыгъдӕг кӕнынц митӕй, трассӕ нырма у ӕхгӕд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik. Фӕндагон службӕтӕ сыгъдӕг кӕнынц митӕй Транскавказаг автомагистраль, трассӕ нырма у ӕхгӕд автотранспорты змӕлдӕн, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).
Транскам сӕхгӕдтой къуырисӕры ӕмбисӕхсӕв тыхджын митуард ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинады тыххӕй.
"Трассӕйыл уары чысыл мит. Фӕндагон службӕтӕ кусынц трассӕ митӕй ссыгъдӕг кӕныныл", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.