Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 48 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 48 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 48 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 25 Ростовы областы, 13 – Ставрополы крайы, фондз дроны ӕрыппӕрстой Брянскы областы, ӕртӕ – Хъырымы ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Белгороды ӕмӕ Курскы областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 11 украинӕйаг дроны