РХИ спортсментæ рацыдысты æвзæрст Уæрæсейы чемпионатмæ æрмхæстæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Фондз хуссарирыстойнаг спортсмены æнтыстджын архайд скодтой Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагады æмæ уый руаджы рацыдысты æвзæрст Уæрæсейы чемпионатмæ æрмхæстæй. Уый тыххæй Sputnik-æн радзырдта армспорты тренер Джиоты Валерий.
Цæгат Ирыстоны 11-14 январы цыд Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагад æрмхæстæй.
"Фыццаг бынæттæ бацахстой Æлборты Эмилия æмæ Гæбæраты Давид, æвзист майдантæ рамбылдтой Теблойты Аслан æмæ Тадтаты Виктория. Æртыккаг бынат та бацахста Олег Джамерашвили", - банысан кодта тренер.
Джиоты Влаерий бафтыдта, зæгъгæ, уæлахиздзаутæ æмæ призертæ райстой балцæгтæ Уæрæсейы фыццагадмæ.
Спортсменты цæттæ кæнынц тренертæ: Джиоты Валерий, Хæбæлаты Арсен, Коцты Дмитрий æмæ Бететы Алан.