Цхинвалы ацыд Уӕрӕсе ӕмӕ Ирыстоны историйӕн нывонд "Брейн-ринг"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Цхинвалы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты цыппӕрӕмы ацыд ӕрвылазон интеллектуалон хъазт "Брейн-ринг".
Ерысты хайад райстой дыууӕ командӕйы – ХИПУ студенттӕ ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонтӕ.
Цхинвалы ацыд Уӕрӕсе ӕмӕ Ирыстоны историйӕн нывонд "Брейн-ринг"
Мадзалмӕ бацыдысты Россотрудничествойы минӕварады сӕргълӕууӕг Хуссар Ирыстоны Сергей Комиссаров, УФ минӕварады ӕртыккаг секретарь Хуссар Ирыстоны Роман Хорошилов, ХИПУ ректор Тедеты Вадим.
"Брейн-рингы" рӕстӕджы хъазджытӕ дзуапп кодтой алыгъуызон фарстытыл Уӕрӕсе ӕмӕ Ирыстоны историйы тыххӕй. Хъазты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ уӕлахиздзау ссис ХИПУ-йы командӕ.
Дыууӕ командӕйы дӕр схорзӕхджын кодтой грамотӕтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй, ХИПУ-йы студенттӕ та райстой чемпионты Кубок.
Цхинвалы ацыд Уӕрӕсе ӕмӕ Ирыстоны историйӕн нывонд "Брейн-ринг"