Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 34 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 34 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 34 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 19 Ростовы областы, ӕхсӕз – Брянскы областы, фондз дроны ӕрыппӕрстой Волгограды областы ӕмӕ фӕйнӕ иу та Белгороды, Курскы ӕмӕ Воронежы областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Комаровка Сумыйы областы