Хуссар Иры Гарзджын тыхты ногæрсидтонтæ ард бахордтой Фыдыбæстæйы раз

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 янв – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ногæрсидтонтæ майрæмбоны хъахъхъæнынады министрады æфсæддон плацыл ард бахордтой Фыдыбæстæйы раз.
Ард бахæрыны официалон церемонийы фæстæ æвзонг солдаттæн раарфæ кодта республикæйы хъахъхъæнынады министр Юрий Яровицкий.
"Фыдыбæстæйы раз ард бахæрыны фæстæ сымах ныр стут Республикæ Хуссар Ирыстоны солдаттæ. Фыдыбæстæ хъахъхъæнын у алкæцы æмбæстаг, алкæцы нæлгоймаджы хæс. Кæмфæнды ма уат æмæ цыфæнды хæстæ ма æххæст кæнат, уæддæр хъуамæ алыхатт дæр хъуамæ хъуыды кæнат, кæй стут Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты æфсæддонтæ æмæ цæсгомджынæй хъуамæ æххæст кæнат республикæйы къухдариуæгад уæ разы цы хæстæ æрывæрдта, уыдон", - загъта министр.
Юрий Яровицкий ма бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæн æфсæддонтæн алы уавæртæ дæр кæй сарæзтой, уый тыххæй.