ЦХИНВАЛ, 19 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта республикӕйы цӕрджытӕн Чырыстийы аргъуыды бӕрӕгбоны цытӕн.
"Чырыстийы аргъуыд у стыр фарнимӕ бӕрӕгбон. Абон махӕй алчидӕр кувы йӕ хиуӕтты тыххӕй, сабыр фидӕн ӕмӕ хъайтар хӕстонты тыххӕй, кӕцытӕ хъахъхъӕнынц нӕ иумӕйаг Фыдыбӕстӕйы интерестӕ сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы зонӕйы. Нӕ зӕрдӕ сын зӕгъы, цӕмӕй тагъд рӕстӕджы Уӕлахизимӕ ӕрыздӕхой сӕ хӕдзӕрттӕм", - дзырдӕуы президенты арфӕйы тексты.