ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik. Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фехӕлдтой паддзахадон арӕн, феддӕдуар кодтой Хуссар Ирыстонӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.
Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, цау ӕрцыд 13 январы Знауыры районы. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Мугуты хъӕуы цур Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы – 20-аздзыд Нико Кокошвили ӕмӕ 27-аздзыд Гурам Грдзелешвилийы.
"Паддзахадон арӕны хъахъхъӕныны къабазы административон бӕрндзинады фӕдыл закъонмӕ гӕсгӕ Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ феддӕдуар кодтой республикӕйы территорийӕ", - банысан кодтой комитеты.